Категории раздела

Вход на сайт

Поиск

Статистика


Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Файлы » Мои файлы

Урок Илас Арнигон
03.12.2019, 21:09

Темæ: «Амæндты сæр- уарзондзинад»

(Илас Æрнигоны радзырд «Челе»мæ гæсгæ).

 

 

Урочы нысантæ:

1.Ахуыргæнинæгтимæ бæстон равзарын Илас Æрнигоны радзырд «Челе»», æрдзурын йæ мидисыл æмæ хатдзæгтæ скæнын.

2.Сывæллæтты ахуыр кæнын текстимæ кусын, хи хъуыдытæ раст аразын æмæ дзурын.

Хъомыладон хæс: Ахуыргæнинæгты ахуыр кæнын уарзын адæмы уарзыныл, царды сæйрагдæр мулк кæй нæу, уыцы хатдзæгмæ сæ æркæнын .

 

Урочы эпигрæф:

Амæндты сæр- уарзондзинад.

Æппæтæй амондджындæр - удæй хъæздыг.

Иу йæхи амондæн цæры, иннæ –адæмы.

Куыст-цардæн фæрæз.

(Адæмон æмбисæндтæ)

Æрмæг:

1.Ахуыргæнæн чиныг.

2.Техникон фæрæзтæ, уæлæмхасæн æрмæг.

Дзырдуат:

Сигæц- цыргъгæнæн дур.

Фæсал- хус кæрдæг, кодтой-иу æй æрчъиты хъарм æмæ фæлмæндæры тыххæй.

Дæндаг- уæрдоны цалхы хай.

Сæмæн- цалх цæуыл зилы, йæ уыцы хай.

Æрдуан- хъæдхафæн дзаума.

Джидæ- хъæдгуыстгæнæджы фæрæт.

Сарт- хъæдгусæн дзаума.

 

Урочы цыд.

I.Ахуыргæнæг æмæ ахуыгæнинæгтæ салам дæттынц кæрæдзийæн, уазджытæн.

Ах.- Абон у Джеоргуыбайы мæйы 26-æм бон.

Цæмæй у ацы мæй Ирыстоны адæмæн уарзон?

(Æмдзæвгæ )

Уастырджи

Бонæй – æхсæвæй мах балцы хæдзарæй

Дардæй- хæстæгæй кæдæмфæнды цом,-

Давæгæй, раст лæгæй, знагæй, хæларæй-

Иууыл дын, Уастырджи, арынц дæ ном.

 

Ракæс нæм рухс цæстæй, ракæс нæ хæхтæй

Дæ арфæ нæ Ирæн æнæвгъау ды зæгъ.

Ма скафæд, ма схъазæд , оххай, йæ къæхтæй ,

Сыгъзæрин Уастырджи , махыл дæ бæх!

Слайд 1.

II. Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ «Арфæ ракæн »-æй скъуыддзаг.

Арфæ ракæ, арв, нæ бæстæн,

Арф дæ фарнæй бамбæрз мах.

Арв, нæ бæстæм, арв,нæ фæзтæм

Амонд арæхдæр ыздах!

 

Саразын беседæ.

1.Цæуыл у æмдзæвгæ?

2.Цы уынут экраныл?

3.Цы уавæры сты цы адæм сæ цæсгæмттæм гæсгæ?

4.Цæмæй бæрæг у?

5.Сымахмæ та куыд кæсы, цы у амонд?

6.Цæуыл ныхас кæндзыстæм нæ абоны урочы?

 

Нæ урочы темæ у «Амæндты сæр- уарзондзинад»

(Илас Æрнигоны радзырд «Челе»мæ гæсгæ).

Нæ урочы хæс у бæстон равзарын Илас Æрнигоны радзырд «Челе»», æрдзурын йæ мидисыл, хатдзæгтæ скæнын.

Эпигрæфæн райстон адæмон æмбисæндтæ:

Æппæтæй амондджындæр - удæй хъæздыг.

Иу йæхи амондæн цæры, иннæ –адæмы.

Куыст-цардæн фæрæз.

 

III. Иу дыууæ ныхасы фыссæгыл.

Ах.:- Илас Æрнигон- ацы рæсугъд номимæ ирон литературæмæ бацыд Тогызты Газакк. Фыссын куы райдыдта, уæд литературон фæсномыгæн райста йæ фыды ном-Илас, йæ мыггаг та схуыдта Æрнигон.

Хорз лæг æмæ хорз поэт скадджын кодта йæ мыггаг дæр æмæ йæ фæсномыг дæр. Абон » Илас Æрнигон» куы фæзæгъæм, уæд нæ хъусты азæлынц йæ уацмысты нæмттæ: «Челе», «Уайсадæг чындз», «Хæрзбон» æмæ а.д

Газакк уарзта йæ фыдыбæстæ, йæ адæмы.

 

IV. Уацмысы мидис æвзарын.

 

  1. Цы ` рцыди Тæнæг сыхы цæрджытыл?
  2. Цы цæстæй йæм кæсынц сыхбæстæ æмæ йæ бинонтæ дæр Челейы уавæрмæ? Цæмæн?
  3. Цавæр фарста дæтты фыссæй йæ хъайтармæ?
  4. Дзуапп бызыдтам? Радзурæм-ма, цæмæн.
  5. Челейы ахастыттæ æгæрттимæ, бинонтимæ, сыхæгтимæ. (текстимæ куыст)

6. Челейы кæцы миниуджытæ фауы автор?

7.Цы уыд Челемæ , цæуыл фæкуыста? ?(Мулк)

8. Цы нæ уыд Челемæ , цы йын нæ фаг кодта) ?(Уарзондзинад

9. Сымахмæ гæсгæ, Челе амондджын уыди? Фæнды у афтæ цæрын?

  1. . Синквейн.

 

VI. Релаксаци.

 

Сывæллæттæ, фæнды мæ сбæрæг кæнын, цас лæмбынæг стут, уый.

1.Цавæр кусæн дзаумæттæ уыд Челемæ?

(Презентаци)

2. Фосæй та цы уыд Челемæ?

(Презентаци)

 

VI. Ах.-Мах æппæттæй дæр цæрæм ацы зæххыл. Ахуыр кæнæм, кусæм, чингуытæ кæсæм, æмæ б.ц. Фæлæ цæмæн цæрæм?

 

Æмбисæнды хъуыды равзарын.

 

Къордты куыст.

Æмбисæндтæ куысты тыххæй.

Æмбисæндтæ амонды тыххæй.

Алы хайæн дæр сæргонд æрхъуыды кæнын.

 

  1. . Рефлексия. Слайдтæ.

 

 

VIII. Хатдзæгтæ. Эпигрæф равзарын. Ацы урокимæ баст сты æмбисæндтæ?

Цы скодта хорзæй Челе адæмæн, бæстæйæн?

 

 

Бузныг уе ппæтæн дæр! Абоны урочы иттæг хорз æмæ хорз бæрæггæнтæ æвæрын….

 

Хæдзармæ куыст:Ныффыссын чысыл нывæцæн « Цы у амонд»

 

Нæ урок кæронмæ æрхæццæ, бузныг! Амондджын ут !

 

Категория: Мои файлы | Добавил: Zali
Просмотров: 426 | Загрузок: 0 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
avatar