Категории раздела

Вход на сайт

Поиск

Статистика


Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Файлы » Мои файлы

Дидактикон армаг
07.10.2019, 19:57
1-аг хæс Æрхæцæн нысæнттæ раст æвæргæйæ, хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнут, бацамонут сын сæ æвæрд; хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Сбæрæг кæнут вазыгджын синтаксисон иуæджы хуыз. Диссаджы хорз фидыдта йæ раст арæзт уæнгтыл ног костюм бæзджын хилæй æхгæд цæсгом равдыста йе’цæг сурæт йæ аив æнæуæлдайфыд къæхтыл тынг хорз фидыдтой æрттивгæ бур туфлитæ æмæ æмбæлттæй уымæй хæрзконддæр интеллегентдæрхуыз ничиуал уыди. (Мамсыраты Д.) ------------------------------------------------------------------------------------------- 2-аг хæс Æрхæцæн нысæнттæ раст сæвæрут, бацамонут сын сæ æвæрд; фæстаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Зæронд тымбыл фынджы раз ирон ныллæг бандоныл бады ацæргæ лæг æмæ хæры æхсыры сæндæг. Ома сæм стъол нæй? Ис фæлæ лæг ныллæг фынгыл бадын сахуыр рагæй. Уидыджы дзаг сисы сæндæг сындæггай йæ йæ дзыхмæ схæссы зæрдиагæй йæ адджын хуыпп скæны уидыджы уæлæ цы кæрдзыны муртæ аззайы уыдон йе ’взагæй дзыхмæ æрбасæрфы æмæ æууилгæ-æууилын йæ хъуынджын фындзы сым-сым ссæуы. Алы хуыппы фæстæ дæр йæ даргъ рихитæ адауы æхсырæй сыл цы æртæхтæ аззайы уыдон райсыны тыххæй къух асæрфы фæсмын зæнгойыл æмæ та бавналы дыккаг хуыпп кæнынмæ. Кæд рихитæ къухæй дауынмæ фæзивæг кæны уæд сæ йе ’взагæй дзыхмæ басæрфы æмæ сæ адджын стæрд акæны. (Мамсыраты Д.) ------------------------------------------------------------------------------------------------ 3-аг хæс Æрхæцæн нысæнттæ раст сæвæрут, бацамонут сын сæ æвæрд. Сбæлвырд кæнут хъуыдыйæдты ’хсæн бастдзинады мадзæлттæ, фыццаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Уыдис уалдзæджы тынг. Ног цъæх дарæсæй сфæлыстой сæхи Иры быдыртæ. Хур алы хъулон æрдардта кæрдæджытæм бæлæстæм хохы уæлвæзтæм хъæдмæ. Æхситт æмæ къуыззитт кодтой кæрæдзимæ алы маргъ æмæ бындзыты мыггаг. Ленк кодтой алыхуызон гæлæбутæ хъарм уæлдæфы. (Барахъты Г.) 4-æм хæс Сæвæрут цухгонд æрхæцæн нысæнттæ. Сбæлвырд кæнут хъуыдыйæдты ’хсæн бастдзинады мадзæлттæ. Дыккаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Сбæрæг кæнут тексты хуыз. Иу изæр хъæумæ кадеттæ бырсын байдыдтой. Фыццаг гæрæхтæ куы фæцыдысты, уæд Хъæндил йæ цард-цæрæнбонты дæр куыд никуы азгъордта афтæ тагъд разгъордта хæдзарæй æмæ уæрммæ ныттылдис. Дыккаг бонмæ фæбадтис уым тæрсгæ-ризгæйæ. Уалынмæ ныхъхъуыст ныхас: - Басгарут ацы уæрм дæр. Уыцы рæстæг уырдæм ныггæпп кодта иу салдат йæ наган йæ къухы афтæмæй. Къуымы лæг хуысгæ куы ауыдта уæд дзы æфсæддон йæхæдæг дæр фæтарст. -------------------------------------------------------------------------------------------- 5-æм хæс Сбæрæг кæнут тексты стиль. Дыккаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Мызылон. Исчи дæ амара, уæвгæйæ та, ахæм лæджы, йæ хæдзары мæт чи нæ кæны. Райсом раджы сысты æмæ уымæй изæрмæ æгас хъæуыл дзæгъæлдзу чи кæны арахъдзуан. Тæхуды æмæ йæ къона, йæ лæг дæр хæдзары мæт кæмæн æркæны! Цымæ кæдмæ афтæмæй цæрдзынæн?! (Кочысаты Р.) ------------------------------------------------------------------------------------------ 6-æм хæс Сбæрæг кæнут тексты стиль. Æрхæцæн нысæнттæ сæвæрут, бацамонут сын сæ æвæрд. Æртыккаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Уæлладжыргом ды дæ хæхбæсты фидауц Куыд хъæздыг у куыд райдзаст у дæ æрдз Дæ цъититæ бæрзонд хæхтыл æнцайынц Сæууон хурмæ тыбыар-тыбур кæнынц. Дæ къæдзæхтæ фыры сытау уырынгтæ Дæ уæлвæзты æртæх кæрдæг æркъул Уыгæрдæнтæ фæтæн рæгътæн сæ фæрстыл Цъæх гауызтау куыд фидауынц рæсугъд. (Плиты Х.) 7-æм хæс Сбæрæг кæнут тексты аивгæнæн мадзæлттæ. Æрхæцæн нысæнттæ сæвæрут, бацамонут сын сæ æвæрд. Гъæй-джиди ныр къæвда куы ныккалид загъта сабыргай Челкаш. Уæд нæ хæйрæджы цæст дæр не ’рцахсид, æдасæй бафардæг уаиккам. (М. Горький) ------------------------------------------------------------------------------------ 8-æм хæс Текст адих кæнут вазыгджын синтаксисон иуæгтыл. Æрхæцæн нысæнттæ сæвæрут, бацамонут сын сæ æвæрд. Фыццаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Адæм ном æвæрынмæ куы æрæмбырд сты уæд дзы куыд нæ уыдаид хорз нæмттæ! Фæлæ йын мад æмæ фыд агуырдтой исты стыр ном зонд дæр кæм уыдаид хъæбатырдзинад дæр ныфс дæр æмæ кад дæр ахæм ном… Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ кæд мА номæвæрджытæ дызæрдыг кодтой уæддæр æвзæрст æрцыд Чермен. Уайсахат ног адæймаг фидæны стыр лæг Чермены тыххæй фæзындысты гаджидæуттæ. (Мамсыраты Д.) ---------------------------------------------------------------------------------------------------- 9-æм хæс Сбæрæг кæнут тексты аивгæнæн мадзæлттæ. Æрхæцæн нысæнтты æвæрд бацамонут. Фыццаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Фыццаг фæкасты уарзт – Æнæтæригъæд маст, Лыстæгмур хуры тын, Дзæнæты царды фын, Æнæ дуар æхгæд, Æнæ фæд-фæды фæд, Тыхджын арвы гæрах, Æнæхуысгæ цырагъ, Æнæмæлгæ мæлæт, Зæрдæ уынгæ дзæнæт. (Токаты А.) 10-æм хæс Сбæрæг кæнут тексты аивгæнæн мадзæлттæ. Æрхæцæн нысæнттæ сæвæрут, бацамонут сын сæ æвæрд. Фыццаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Уæ мæ сабитæ мæ хуртæ Нæй уæ фæндагыл цæлхдуртæ Хур уæм худы хур уæм хъазы Рухс быдыртæ ис уæ разы. Уæ нывонд уын уа мæ сæр дæр Царды бахъæудзæн æппæт дæр… Байхъусут-ма ба бæстон Зарæг сахъ гуырдыл кæнон. (Дарчиты Д.) ------------------------------------------------------------------------------------------ 11-æм хæс Сбæрæг кæнут тексты аивгæнæн мадзæлттæ, тексты хуыз. Æртыккаг хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст скæнут. Ног сасир къулыл дыууæ боны! Хуыцау дын ахæм авæра: йæ ноджы бонты хæдзары зилæнтæ систа, узæлæнтæ кæны сабитыл – Уари æмæ Кананацыл, цинтæ, мондæгтæ. Адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой, лæгмæ хæлæг байдыдтой сыхæгтæ, алчи йæ сылгоймаджы домын байдыдта ногæрхаст усы хорздзинæдтыл. (Аргъау) --------------------------------------------------------------------------------------------
Категория: Мои файлы | Добавил: Zali
Просмотров: 153 | Загрузок: 0 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
avatar